Баку

Сахар
Баку
азерб. Bakı
40°23′ с. ш. 49°59′ в. д.HGЯO
Паддзахад Азербайджан Азербайджан
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд I æнус
Фыццаг кой V æнус
Фæзуат
  • 2140 км²[1]
Сахатон таг UTC+4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +994 12
Посты индекс AZ1000
baku-ih.gov.az(азерб.)
Баку (Азербайджан)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Баку кæнæ Бако[3] (азерб. Bakı) у Азербайджаны сæйраг сахар. Уый у паддзахады зонадон, техникон æмæ индустриалон центр.

Баку у Кавказы стырдæр сахар æмæ стырдæр порт Къаспы денджызы былыл.

Истори

Бакуйы ирæттæ

Фыццаг уырыссаг революцийы рæстæджы Бако æмæ йæ районты цардис бирæ ирæттæ. Уыдонæн сæ фылдæр хай уыдысты кусджытæ, куыд Хуссар Ирæй, афтæ Цæгат Ирæй дæр (Козаты Разден, Гаглойты Григол, Илья, Цхуырбаты Уасо, Плиты Илья æмæ æнд.), бонгуыстгæнджытæ æмæ канторæйы службæгæнджытæ. Афтæ ма дзы цардис интеллигенцийы минæвæрттæ дæр, номхуындæй та драматург Брытъиаты Елбыздыхъо (Бакомæ йæ ахастой 1906 азы йæ революцион архайды тыххæй), дохтыр Цæлыккаты Д. Т., поэт Токаты Алихан, Хъуыбадты У. Б., Цæголты Георги, хæдахуыр поэт Сиукъаты Габо æмæ æндæртæ.[3]

Цæрджытæ

Сахары цæрынц 2 млн. адæймаджы.[4][5]

Цæрджыты нымæцы динамикæ
Аз Цæрджытæ
1854 8 374
1863 14 500
1897 111 904
1903 155 876
1913 214 672
1926 453 300
1950 793 000
1955 893 000
1960 1 005 000
1965 1 132 000
1970 1 274 000
1975 1 429 000
1980 1 574 000
1985 1 660 000
1989 1 795 000
1999 1 634 183
2003 2 030 000
2007 1 873 600
2008 1 917 009
2009 2 039 700
2010 2 036 000
2011 2 045 815

Фиппаинæгтæ

  1. http://www.baku.azstat.org/section/demography/
  2. http://www.baku.azstat.org/section/demography/001.xls
  3. 3,0 3,1 Фидиуæг №12, 1978 // Бигъуылаты Ирæ — «Бакойаг ирон драмон къорд»
  4. Bakı şəhəri - Azərbaycan Dövlət Statistika Komitəsi. Датæ: 2011-æм азы 1 январы.
  5. Population estimates for Baku, Azerbaijan, 1950-2015. Датæ: 2007-æм азы 15 июлы.