Индоевропæйаг æвзæгтæ
Индоевропæйаг æвзæгтыл чи дзуры, уыдон цæрынц æппæт континентты дæр, æмæ сæ иумæйаг нымæц у 2,5 млрд адæймагæй фылдæр.
Индоевропæйаг æвзæгтæ равзæрдысты иу æвзагæй, кæцыйыл дзурæг адæм цардысты 8–10 мин азы агъоммæ. Кæм цардысты уыцы адæм уымæн зонад бæлвырд дзуапп нæма дæтты.
Мыггаджы сконд
Индоевропæйаг мыггагмæ хауынц мæнæ ахæм æвзаджы къордтæ:
- албайнаг æвзаг
- анатолиаг æвзæгтæ
- балтаг æвзæгтæ
- бердзенаг æвзаг
- гермайнаг æвзæгтæ
- индоариаг æвзæгтæ
- ирайнаг æвзæгтæ
- итайлаг æвзæгтæ
- кельтаг æвзæгтæ
- ромайнаг æвзæгтæ
- славяйнаг æвзæгтæ
- сомихаг æвзаг
- тохайраг æвзæгтæ
Уыдонæй анатолиаг, тохайраг æмæ италикаг къордтæй æвзæгтыл ничиуал дзуры.