Фидар
Фидар кæнæ хъаллæ — иргъæвон амаддзаг. Ирыстоны зындгонд сты дыууæ хуызы фидæрттæ.
Мæсыгджын фидар (Галуан)
Арæзт вæййы мæсыгæй æмæ дурамад сисæй йæ алыварс. Арæх ма ахæм комплексмæ æфтыд цæуы гæнах.
Айнæджы (лæгæты) амад фидар
Ахæм фидæрттæ Цæгат Ирыстоны ис æртæ:
- Куырттаты комы — Дзывгъисы фидар,
- Уæлладжыры комы — Урсдоны æмæ Нузалы фидæрттæ.
Ацы æртæ фидары амад æрцыдысты аланты дуджы.
Хуссар Ирыстоны фидæрттæ:
- Челиатгомы — Боботы фидар[1]
- Брытъаты — Рæмонаты фидар[1]