Хисаря
Сахар | |
Хисаря | |
---|---|
болг. Хисаря | |
42°30′09″ с. ш. 24°42′12″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Болгари |
Облæст | Пловдивы облæст |
Хъæубæстæ | Хисаря |
Истори æмæ географи | |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | UTC+2:00, сæрды UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +359 337 |
Посты индекс | 4180 |
hisar.bg | |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Хисаря (болг. Хисаря) у Болгарийы Пловдивы облæсты сахар, йе ’мном хъæубæстæйы административон центр. Цæрджыты нымæц у 7997 адæймаджы (2008 азы декабры).
Хорз бæстыхъæд æмæ суардæттæ адæмы сæхимæ ластой рагзаманæй. Нæ эрæйы агъоммæ V-IV æнусты уыцы бынаты уыди фракиаг хъæу. Уыцы хъæуæй баззадысты хæлддзæгтæ. Ромæгтæ Фраки куы байстой 46-æм азы, уæд суадæтты цур сæвæрдтой ног цæрæнуаты бындур. 293 азы император Диоклетиан цæрæнуатæн радта сахары статус, æмæ уæдæй ромæгтæ сарæзтой фидар æмбонд — йæ бæрзæнд уыд 13 метры онг. Сахар хуынди, цытуарзæг императоры кадæн, Диоклетианопол.
Чырыстон дин Ромы паддзахадон дин куы сси, уæд Диоклетианапол дæр сси ахсджиаг чырыстон артдзæст, алчеры бадæн. Уыцы заман (IV-V æнустæ) уыд Фракийы провинцийы æртыккаг стырдæр сахар — Филипопол (ныры Пловдив) æмæ Бероейы (Стара-Загорæ) фæстæ.
Политикон ситуаци
Хъæубæстæйы кмет (хицау) у Георги Пирянков (хъæппæрисджын комитет) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.