Науру

Науруйы Республикæ
Ripublik Naoero
Republic of Nauru
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «God’s Will First»
Хæдбар сси 1968
Æвзаг англисаг, науруанаг
Сæйраг сахар Ярен (de facto)
Стырдæр сахартæ
Хицауиуæджы хуыз Парламенон республикæ
Президент Лайонел Энгимея
Фæзуат 21,3 км²
Доны процент -
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2005)
• Æнгомад

13 048 ад.
621 ад./км²
ÆМП
• Æдæппæт (2005)
• Иу адæймагмæ
дунейы 191-æм
60 млн. $
5 000 $
Валютæ Австралиаг доллæр (AUD)
Интернет-домен .nr
Телефонон код ++674
Сахатон таг +12

Науру (наур. Naoero) у Сабыр фурды паддзахад, йæ фæзуат 21,3 км² кæмæн у, ахæм кораллон сакъадахыл. Науруйы цæрынц 14 мин адæймаджы. Бæстæйы хæдбардзинад расидтæуыд 1968-æм азы.

Науру у дунейы чысылдæр хæдбар республикæ, дунейы чысылдæр сакъадахон паддзахад æмæ Европæйы æдде дунейы чысылдæр паддзахад.

1999-æм азæй Науру у Иугонд Нациты Организацийы уæнг.